Нæ Иры лæгдæртæ! Æхсарджын хъайтартæ! Сымах хастат бæстæн кæмдæриддæр кад. Карз тохы быдыры, Фæллойы хъазуаты Нæ-иу зыдтой никуы, уæ уæнгтæ фæллад. Алантæн фæдонтæ — Цы кондæй, цы зондæй! Æндонау уæ бахсыста ивгъуыд æнус. Ныр абон стъалытау Æрттивут бæрзондæй. Нæ адæмыл таут уæ сыгъзæрин рухс! Нæ сахъгуырд фæсивæд — Нæ фидæн, нæ сагъæс! Гъе Уастырджи! Кувын, рухс фæндаг сын ратт! Куыд зоной кæстæртæ Циу Фарн æмæ Намыс! Куыд не'рхæссой никуы сæ сæрмæ æгад!